Хуссар Иры байгом Уӕрӕсейы Бонӕн нывонд равдыст

© Sputnik / Natalia AiriyanЮОГУ
ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы байгом Уӕрӕсейы Бонӕн нывонд равдыст "Tskhinval 5", цы ран бавдыстой сӕ куыстытӕ аст ӕвзонг нывгӕнӕджы Хуссар Ирыстонӕй.
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты равдыстон залы ис 70-йӕ фылдӕр куысты. Авторты ӕхсӕн: Саулохты Георгий, Дзигойты Карина, Кокойты Мария, Джиоты Вадим, Дыгъуызты Мария, Джиоты Магрез, Ӕлборты Лира ӕмӕ Гаглойты Дзерассӕ. Равдыст ауадзыны инициатор уыд нывгӕнӕг Саулохты Георгий, йӕ хъуыдыйы фарс баллӕуыд Россотрудничесвтойы минӕварад.
Мадзалмӕ ӕрбацыдысты Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, Россотрудничествойы разамонӕг Хуссар Ирыстоны Сергей Комиссаров, номдзыд нывгӕнджытӕ, университеты студенттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.
"Уый у символикон, стыр бӕрӕгбоны хӕдразмӕ кӕй ӕрӕмбырд стӕм ацы залы. Мах абон уынӕм фӕлтӕрд нывгӕнджыты куыстытӕ. Тынг ӕхсызгон нын у, Саулохты Георгийы фӕрцы ногӕй кӕй стӕм ам. Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын ӕппӕт нывгӕнджытӕн", - загъта Кулахметов.
ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим банысан кодта, абоны бон ӕрбавдисгӕ куыстыты автортӕ кӕй сты ӕцӕг курдиатджын ӕмӕ фӕлтӕрд нывгӕнджытӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0