Хуссар Иры ЦӔК фехъусын кодта парламентон ӕвзӕрстыты кӕронбӕттӕн хатдзӕгтӕ

© Sputnik / Михаил АвагимовGарламентон ӕвзӕрстытӕ
Gарламентон ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамис фехъусын кодта парламентмӕ депутатты ӕвзӕрстыты фӕдыл хъӕлӕскӕнынады кӕронбӕттӕн хатдзӕгтӕ.
Ӕвзарджыты иууыл фылдӕр хъӕлӕстӕ райста "Иугонд ирыстон" - 6893, уый у 31,52%.
Дыккаг бынатыл ацыд "Ныхас" - ӕвзарджыты 6691 хъӕлӕсы, уый у 30,60%.
"Адӕмон парти" райста 16,03%, ацы партийӕн схъӕлӕс кодтой 3505 адӕймаджы.
Коммунистон партийы фарс балӕууыдысты 1534 адӕймаджы – 7,01%.
Ацы цыппар партийы уыдзысты Хуссар Ирыстоны парламенты ӕввахс фондз азы дӕргъы.
Аннӕ ӕртӕ партийы нӕ ахызтысты авдпроцентон гӕрӕн.
"Адӕмы иудзинад" райста 4,49%, "Иры фарн" - 4,71% ӕмӕ "Иудзинад" - 1,98%.
Алкӕцы партийы ныхмӕ дӕр схъӕлӕс кодтой 800 ӕвзарӕджы.
Итоги выборов в парламент Южной Осетии
 Итоги выборов в парламент Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.06.2024
Итоги выборов в парламент Южной Осетии
Ног хабӕртты лентӕ
0