Мӕскуы цӕттӕ у уӕрӕх ӕмгуыстадмӕ Цхинвалимӕ ӕвзӕрстыты фӕстӕ – Уӕрӕсейы ФХМ

© Sputnik / Наталья СеливерстоваУӕрӕсейы ФХМ
Уӕрӕсейы ФХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik. Уӕрӕсе дарддӕр дӕр уӕрӕх кӕндзӕн ӕмгуыстад Хуссар Ирыстонимӕ парламентон ӕвзӕрстыты фӕстӕ, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад.
Хуссар Ирыстоны парламентмӕ ӕвзӕрстытӕ ацыдысты 9 июны. Уӕрӕсейаг ӕддагполитикон уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй хъӕлӕскӕнынад цыд националон ӕвзарӕн законадмӕ гӕсгӕ. Ӕвзӕрстытӕн бӕрзонд аргъ скодтой ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджытӕ дӕр.
"Уӕрӕсейы Федерацийы нымайынц элекоралон процессы ӕнтыстджын фӕуд куыд ахсджиаг цау Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад ӕмӕ демократион институттӕ сфидар кӕныны хъуыддаджы. Ныфс нӕ ис, ног ӕрсидты парламент кӕй хӕсдзӕн егъау хайбавӕрд дыууӕварсон хӕларадон ахастыты райрӕзтмӕ. Мӕскуыйы цӕттӕ сты уӕрӕх ӕмгуыстадмӕ Цхинвалимӕ республикӕйы социалон-экономикон райрӕзт ӕмӕ йӕ ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны фӕдыл", - дзырдӕуы уӕрӕсейаг уагдоны хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны хъӕлӕскӕнынады фӕстиуӕгӕн парламентмӕ бахызтысты цыппар партийы: "Ныхас", Иугонд Ирыстон", "Адӕмон парти" ӕмӕ Комунистон парти.
Ног хабӕртты лентӕ
0