Хæларады кафт: Хуссар Ир æмæ Абхазы ансамблтæ ралæууыдысты иумæйаг концерты

© Telegram / Ансамбль "Сæрмæт" Хуссар Ир æмæ Абхазы ансамблтæ ралæууыдысты иумæйаг концерты
 Хуссар Ир æмæ Абхазы ансамблтæ ралæууыдысты иумæйаг концерты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июн – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сывæллæтты хореографион ансамбль "Сæрмæт" æмæ Абхазы хореографион ансамбль "Афыртын" радтой иуæйаг концерт "Хæларад" лозунгимæ, фехъусын кодта Sputnik-æн хуссарирыстойнаг коллективы аивадон разамонæг Тедеты Ацæмæз.
"Дыууæ республикæйы нырыккон историйы фæстаг 15 азы дæргъы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы кафæн коллективтæ фыццаг хатт радтой иумæйаг концерт", - загъта уый.
Аивадон разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæ бавдыстой кæсджытæн авд кафæн номыры.
"Мах радтам авд номыры: симд, хонгæ, дуэтон, абхазаг, хæххон чызджыты æмæ авайраг. Сывæллæтты зæрдæмæ фæцыд, уыдонæн уый уыд егъау фæлтæрддзинад. Фидæны мах адарддæр кæндзыстæм æмгуыстад абхазаг коллективтимæ", - бафтыдта Тедеты Ацæмæз.
Хуссар Ирыстоны æвзонг кафджыты командæ уыдзæн Абхазы 14 июны онг. Делегацийы сконды сты 70 адæймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0