Хуссар Иры арӕзтады министрад райдыдта амайын 75-фатерон хӕдзар Цхинвалы

© Sputnik / Виталий АньковАрӕзтадон техникӕ
Арӕзтадон техникӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы райдыдтой амайын 75-фатерон хӕдзар Ирӕтты уынгыл, хъусын кӕны республикӕйы арӕзтады министрад.
Бӕстыхай амайынц Цхинвалы цӕрӕнуаты уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн.
Арӕзтадӕн 2023-2025 азты Инвестпрограммӕмӕ хаст ӕрцыдысты 307-ӕй фылдӕр милуан сомы, банысан кодтой министрады.
"Абоны бон объекты ӕххӕст цӕуынц куыстытӕ фундаменты железобетонон рон саразыны фӕдыл", - загътой уагдоны.
Арӕзтады архайынц 27 адӕймаджы ӕмӕ техникӕйы фондз иуӕджы. Министрады куыд бахахх кодтой, афтӕмӕй аразджытӕн нӕй проблемӕ арӕзтадон ӕрмӕджытӕ ласынимӕ.
Хӕдзары арӕзтад нывӕндынц фӕуын 2025 азмӕ, бафтыдтой уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0