Хуссар Иры ПÆК-ы радзырдтой ивгъуыд мæйы арæнхæлдты тыххæй

© Sputnik / Natalia Airiyan Паддзахадон арæн
Паддзахадон арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны майы æрцахстой 22 арæнхалæджы, уыдонæй фондз фехæлдтой паддзахадон арæны режим, 17 та арæнгæрон режим, хъусын кæны цыппæрæмы Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, алкæцы цауы фæдыл дæр кæй ауагътой равзæрсттæ. Уыдон фæстиуæгæн 18 адæймаджы фæивар кодтой, иу адæймаджы феддæдуар кодтой республикæйы территорийæ иварон санкцитимæ, дыууæйы та бафæдзæхстой.
Афтæ ма иу арæнхалæджы фæдыл та бакодтой уголовон хъуыддаг, бафтыдтой уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0