ХИПУ фехъусын кодта ног ахуырадон азмӕ абитуриентты райсты райдайӕны тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет райдыдта исын документтæ абитуриенттæй 2024-2025 ахуырадон азмæ. Абитуриенттæй куырдиæттæ исдзысты июлы дæргъы.
Боны хайадмæ чи цæуы, уыцы абитуриенттæ хъуамæ бадæттой куырдиæттæ 1-æй 15-æм июльмæ (дæсниад "Æхсæнадæмон журналистикæ" - 12 июлы онг), фæсаууон хайадмæ та 20 июлы онг.
Уымæй дарддæр университеты фехъусын кодтой, зæгъгæ, спорты мастер æмæ спорты мастермæ кандидаттæ, кæцытæ цæуынц "Физикон культурæ"-йы факультеты фæсаууон хайадмæ нæ дæтдзысты нормативтæ.
Сыгъзæрин æмæ æвзист майданыл чи фæцис каст скъола кæнæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ астæуккаг сæрмагонд ахуырадон уагдон чи фæцис каст, уыдон дæттынц æрмæстдæр иу экзамен. Фæлæ "4" кæнæ "3" нысан фыццаг экзаменыл куы райсой, уæд хъуамæ рацæуой æппæт фæлварæнтæ.
Æнæ конкурсæй ист цæуынц республикон олимпиадæты призертæ профилон предметæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0