https://sputnik-ossetia.com/20240618/kuaysayy-savardtoy-palatkata-zakhkhankuystyty-rastagan-29478562.html
Къуайсайы сӕвӕрдтой палаткӕтӕ зӕххӕнкъуыстыты рӕстӕгӕн
Къуайсайы сӕвӕрдтой палаткӕтӕ зӕххӕнкъуыстыты рӕстӕгӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ сӕвӕрдтой палаткӕтӕ горӕт Къуайсайы бынӕттон цӕрджытӕн, кӕцытӕ хъыгдард... 18.06.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-06-18T11:10+0300
2024-06-18T11:10+0300
2024-06-18T11:10+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
уум
къуаиса
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/09/12/11166700_0:281:3071:2008_1920x0_80_0_0_91802997921fbf2cf439f18d94b0205c.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ сӕвӕрдтой палаткӕтӕ горӕт Къуайсайы бынӕттон цӕрджытӕн, кӕцытӕ хъыгдард ӕййафынц зӕххӕнкъуыстытӕй, фехъусын кодта уагдоны пресс-службӕ.Хуссар Ирыстоны фӕстаг бонты дӕргъы ӕрцыд цалдӕр зӕххӕнкъуысты, сӕ эпицентр вӕййы Гуырдзыстоны. Иууыл тынгдӕр зӕххӕнкъуыст банкъардтой Къуайсайы. Горӕты цӕрджытӕм уый фӕдыл ӕрцыдысты хицауады сӕрдар Джуссойты Константин ӕмӕ УУМ разамонӕг Гассеты Ибрагим.УУМ ӕмӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Капиталон арӕзтады фӕткдаруат"-ы специалисттӕ Къуайсайы администрацийы кусджытимӕ иумӕ басгӕрстой бирӕфатерон хӕдзӕртты уавӕр.Горӕты уынгтыл палаткӕтӕ ӕвӕрынц Хуссар Ирыстоны УУМ-ы 5-ӕм зынгфӕдисон-ирвӕзынгӕнӕн хайады кусджытӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/09/12/11166700_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_501c0e08196453660eee56e969d436da.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уум, къуаиса
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, уум, къуаиса
Къуайсайы сӕвӕрдтой палаткӕтӕ зӕххӕнкъуыстыты рӕстӕгӕн
ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ сӕвӕрдтой палаткӕтӕ горӕт Къуайсайы бынӕттон цӕрджытӕн, кӕцытӕ хъыгдард ӕййафынц зӕххӕнкъуыстытӕй, фехъусын кодта уагдоны пресс-службӕ.
Хуссар Ирыстоны фӕстаг бонты дӕргъы ӕрцыд цалдӕр зӕххӕнкъуысты, сӕ эпицентр вӕййы Гуырдзыстоны. Иууыл тынгдӕр зӕххӕнкъуыст банкъардтой Къуайсайы. Горӕты цӕрджытӕм уый фӕдыл ӕрцыдысты хицауады сӕрдар Джуссойты Константин ӕмӕ УУМ разамонӕг Гассеты Ибрагим.
УУМ ӕмӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Капиталон арӕзтады фӕткдаруат"-ы специалисттӕ Къуайсайы администрацийы кусджытимӕ иумӕ басгӕрстой бирӕфатерон хӕдзӕртты уавӕр.
"Горӕты цӕрджытӕ тыхсынц зӕххӕнкъуыстытӕй ӕмӕ бахатыдысты, цӕмӕй сын сӕвӕрӕм рӕстӕгмӕ палаткӕтӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххӕнкъуысты рӕстӕджы уыдон рахизынц ӕдтӕмӕ ӕмӕ сӕ бахъӕуы уым ӕнхъӕлмӕ кӕсын", - банысан кодтой УУМ-ы.
Горӕты уынгтыл палаткӕтӕ ӕвӕрынц Хуссар Ирыстоны УУМ-ы 5-ӕм зынгфӕдисон-ирвӕзынгӕнӕн хайады кусджытӕ.