https://sputnik-ossetia.com/20240619/khussar-iry-mkhm-razamonag-bakhas-kodta-auadzyn-sluzhbayon-basgarst-malatdzag-ftts-y-fasta-29494190.html
Хуссар Иры МХМ разамонӕг бахӕс кодта ауадзын службӕйон басгӕрст мӕлӕтдзаг ФТЦ-ы фӕстӕ
Хуссар Иры МХМ разамонӕг бахӕс кодта ауадзын службӕйон басгӕрст мӕлӕтдзаг ФТЦ-ы фӕстӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг Гуыцмӕзты Алан бахӕс кодта ӕрбаздахын бӕрндзинадмӕ Паддзахадон... 19.06.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-06-19T15:14+0300
2024-06-19T15:14+0300
2024-06-19T15:14+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/1b/24719881_0:1:1280:721_1920x0_80_0_0_cae0f9785e4803508290119f308aa1db.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг Гуыцмӕзты Алан бахӕс кодта ӕрбаздахын бӕрндзинадмӕ Паддзахадон автоинспекцийы кусджыты стационарон постыл УАЗ хӕдтулгӕ кӕй нӕ ӕрурӕдтой, уый тыххӕй. Хӕдтулгӕйы шофыр ласта уаргъ ӕдасдзинады фӕтктӕ фехалгӕйӕ, уый та ӕркодта пассажиры мӕлӕтмӕ, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.Раздӕр куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй къуырисӕры Гуфта-Къуайса фӕндагыл ӕрцыд мӕлӕтдзаг фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ): УАЗ хӕдтулгӕ прицепимӕ уырдыгыл цӕугӕйӕ афӕлдӕхт, фӕмард пассажир. Министр куыд банысан кодта, афтӕмӕй ФТЦ аххосаг уыд прицепы эксплуатацийы фӕткты фехӕлд.Оперативон рабадты рӕстӕджы ма министр бахӕс кодта профилактивон куыст уадзын фӕндагон змӕлды хайадисджытимӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/1b/24719881_160:0:1121:721_1920x0_80_0_0_61594950a135a2bc240d90f0f3a4a35b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
Хуссар Иры МХМ разамонӕг бахӕс кодта ауадзын службӕйон басгӕрст мӕлӕтдзаг ФТЦ-ы фӕстӕ
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг Гуыцмӕзты Алан бахӕс кодта ӕрбаздахын бӕрндзинадмӕ Паддзахадон автоинспекцийы кусджыты стационарон постыл УАЗ хӕдтулгӕ кӕй нӕ ӕрурӕдтой, уый тыххӕй. Хӕдтулгӕйы шофыр ласта уаргъ ӕдасдзинады фӕтктӕ фехалгӕйӕ, уый та ӕркодта пассажиры мӕлӕтмӕ, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
Раздӕр куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй къуырисӕры Гуфта-Къуайса фӕндагыл ӕрцыд мӕлӕтдзаг фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ): УАЗ хӕдтулгӕ прицепимӕ уырдыгыл цӕугӕйӕ афӕлдӕхт, фӕмард пассажир. Министр куыд банысан кодта, афтӕмӕй ФТЦ аххосаг уыд прицепы эксплуатацийы фӕткты фехӕлд.
"МХМ сӕргълӕууӕг рахаста уайдзӕф Дзауы районы мидхъуыддӕгты хайады къухдариуӕгадӕн ӕмӕ бахӕс кодта ӕмбӕлон службӕтӕн ауадзын басгӕрст ӕмӕ ӕрбаздахын бӕрндзинадмӕ Гуфтайы хъӕуы Паддзахадон автоинспекцийы станицонарон посты инспекторты, уымӕн ӕмӕ уыдон нӕ ӕрурӕдтой транспортон фӕрӕз, кӕцы дзуапп нӕ дӕтта уаргъ ласыны домӕнтӕн", - банысан кодтой министрады.
Оперативон рабадты рӕстӕджы ма министр бахӕс кодта профилактивон куыст уадзын фӕндагон змӕлды хайадисджытимӕ.