Хуссар Иры ссардзысты 1920 азы геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры ссардзысты 1920 азы геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Хуссар Иры ссардзысты 1920 азы геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы, 20 июны, ссардзысты 1920 азы ирӕтты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ, республикӕйы цӕудзысты мысӕн мадзӕлттӕ.
Райсомӕй ацӕудзӕн дидинтӕ сӕвӕрыны церемони 13 коммунары цыртмӕ Цхинвалы Згъудеры уӕлмӕрды.
Уыцы бон ма республикӕйы аргъуанты ацӕудзӕн Хуыцаумӕ скуывд геноциды амӕттӕгты фӕдыл, 13.00 сахатыл та расидтысты ӕппӕтнацион уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.
Уымӕй дарддӕр Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ауадздзысты геноциды 104-ӕм афӕдзыбонӕн нывонд тымбыл фынг.
Ног хабӕртты лентӕ
0