Цхинвалы зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт хисӕрмагонд хӕдзары

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт хисӕрмагонд хӕдзары
Цхинвалы зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт хисӕрмагонд хӕдзары - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ ахуыссын кодтой арт хисӕрмагонд хӕдзары фыццаг уӕладзыгыл Цхинвалы Джиоты Аланы проспектыл, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, зынгсирвӕзт ӕрцыд хӕдзары коммерцион агъуысты. Зынгфӕдисонты профессионалон архайды руаджы арт нӕ аххӕссыд хӕдзары дыккаг уӕладзыгмӕ.
"Хуссар Ирыстоны УУМ зынгфӕдисон къордтӕ знон ӕхсӕв аиуварс кодтой зынгсирвӕзт хисӕрмагонд хӕдзары Цхинвалы Джиоты Аланы проспектыл. Арт зиан ӕрхаста фыыццаг уӕладзыгӕн, зынгфӕдисонты профессионалон архайды руаджы дыккаг уӕладзыг нӕ бахъыгдард", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады бафтыдтой, цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ кӕй нӕй.
© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОЦхинвалы зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт хисӕрмагонд хӕдзары
Пожарные расчеты МЧС Южной Осетии ликвидировали пожар в частном доме в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.06.2024
Цхинвалы зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт хисӕрмагонд хӕдзары
Ног хабӕртты лентӕ
0