Леуахи цы æнахъом лæппуйы аласта, уый мæрдон буар ссардтой Гуырдзыстоны – Хуссар Иры УУМ

© Sputnik / Аслан ТедеевЗæронд хид
Зæронд хид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 июн – Sputnik. Цхинвалы Зæронд хиды районы Леуахийы цæугæдон цы æнахъом лæппуйы аласта, уый мæрдон буар ссардтой Гуырдзыстоны, фехъусын кодта цыппæрæмы Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
"Знон цы лæппуйы аласта цæугæдон, уый мæрдон буар ирвæзынгæнæн къорд ссардта Гуырдзыстоны Горийы муниципалитеты Пхвенисы хъæуы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Министрады банысан кодтой, уый фæдыл гуырдзиаг фарс кæй фехъусын кодлта фæсконфликтон фарстыты фæдыл Хуссар Ирыстоны президенты æххæстбарджын минæвар Коцты Егорæн. Цауы бынаты кусынц криминалисттæ, мæрдон буар радтыны процедурæйы тыххæй фехъусын кæндзысты фæстæдæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0