Зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт Цхинвалы бирӕфатерон хӕдзары

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОЗынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт Цхинвалы бирӕфатерон хӕдзары
Зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт Цхинвалы бирӕфатерон хӕдзары - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы иу адӕймаг амард зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн бирфатерон хӕдзары Джиоты Аланы уынгыл, фехъусын кодтой Sputnik-ӕн республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).
Фатер ис фондзуӕладзыгон хӕдзары цыппӕрӕм уӕладзыгыл. Цауы бынатмӕ ӕрбатымбыл сты цӕрджытӕ горӕты ӕппӕт районтӕй.
Цауы бынатмӕ ӕвӕстиатӕй ӕрцыдысты сӕрмагонд службӕтӕ дӕр – тагъд ӕххуыс, УУМ бригадӕтӕ ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органты минӕвӕрттӕ. Уыцы рӕстӕгмӕ арт аххӕссыд ӕппӕт фатерыл.
"Цауы бынаты куыстой ӕртӕ зынгфӕдисон хӕдтулгӕйы. Зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн фӕмард 1969 азы гуырд нӕлгоймаг", - загътой уагдоны радгӕсон хайады.
Трагедийы бынатмӕ ӕрцыд паддзахады сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан ӕмӕ УУМ разамонӕг Гассеты Ибрагим.
Зынгсирвӕзт иуварс ӕрцыд, фӕлӕ зынгфӕдисон къордтӕ нырма дӕр сты бынаты, цӕмӕй арт ногӕй ма ссудза.
Зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты сыхаг фатертӕ дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0