Хуссар Иры сбӕрӕг кӕндзысты иууыл тыхджындӕр адӕймаджы

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры сбӕрӕг кӕндзысты иууыл тыхджындӕр адӕймаджы
Хуссар Иры сбӕрӕг кӕндзысты иууыл тыхджындӕр адӕймаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 июн – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны ацӕудзысты ерыстӕ иууыл тыхджындӕр адӕймаджы сбӕрӕг кӕныны нысанӕн. Спортивон мадзал сорганизаци кодтой фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитет ӕмӕ пауэрлифтинг ӕмӕ тыхон экстримы федераци, хъусын кӕны комитеты пресс-службӕ.
Комитеты банысан кодтой, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны акт райсыны бонӕн нывонд мадзал рахастой ацы мӕймӕ, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕнымӕц адӕмы фӕндыд хайад райсын.
"Ерысты программӕйы ис 320 кг уӕзы цӕлхыты кантовкӕ, 100-120 кг дур исын уӕхскмӕ, 100 кг баллонтӕ хӕссын ӕмӕ хъӕд исын лӕугӕйӕ", - бахахх кодтой организатортӕ.
Ерыстӕ ацӕудзысты хуыцаубоны 12.00 сахатыл Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы. Хайад дзы райсдзысты спортсментӕ Хуссар Ирыстон, Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Краснодары крайӕ.
Турниры призон фонд у 150 мин сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0