Цхинвалы ацыд 1920 азы геноцидæн нывонд тымбыл фынг

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 июн – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны столицæйы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты (ХИПУ) бæстыхайы ацыд ирæтты геноциды 104-æм афæдзыбонæн нывонд тымбылд фынг.
Мадзалы хайад райстой университеты ахуыргæнджытæ, сæ нымæцы доцент, философон зонæдты кандидат Дзугаты Къоста, историон зонæдты кандидат, иумæйаг историйы кафедрæйы хистæр Гатыгкоты Гиви, Ирыстоны истори æмæ Кавказ зонынады кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Бæззаты Николай.
Тымбыл фынджы хайадисджытæ æрдзырдтой 1920 азы геноциды аххосæгтæ æмæ фæстиуджытыл. Нысангонд æрцыд, геноцидæн кæй уыд æвирхъау фæстиуджытæ Хуссар Ирыстоны демографи æмæ экономикæйæн.
Дзугаты Къоста бахахх кодта, официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ 1920 азы геноциды фæстиуæгæн кæй амардысты Хуссар Ирыстоны фондз мин цæрæджы, фæлæ ис факттæ, кæцытæм гæсгæ амæттæгты нымæц уыд зынгæ фылдæр.
"Уыцы цауты фæдыл информаци бирæ нæй, Гуырдзыстон дæр ивта историон факттæ, цæмæй фæкъаддæр кæной нæ зиæнтты нымæц. Фæмардуæвæг æмæ лигъдонты нымæц уыд зынгæ фылдæр официалон бæрæггæнæнтæм абаргæйæ. Ууыл дзурæг сты Хуссар Ирыстоны цæрджыты нымæцы фæдыл статистикон бæрæггæнæнтæ 1920 азы геноциды размæ æмæ йæ фæстæ", - загъта Дзугаты Къоста.
Тымбыл фынджы рæстæджы ма дзырд цыд республикæйы ныры уавæрыл дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0