https://sputnik-ossetia.com/20240624/khussar-iry-atsyd-fytstsag-khsnadmon-turnir-tykhon-ekstrimy-fydlty-tykh-29536590.html
Хуссар Иры ацыд фыццаг æхсæнадæмон турнир тыхон экстримæй "Фыдæлты тых"
Хуссар Иры ацыд фыццаг æхсæнадæмон турнир тыхон экстримæй "Фыдæлты тых"
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы ацыд Хуссар Ирыстоны историйы фыццаг æхсæнадæмон турнир тыхон... 24.06.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-06-24T11:05+0300
2024-06-24T11:05+0300
2024-06-24T11:05+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/06/17/29532952_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_8d030800ac4786f5c27c3cfee07ad190.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы ацыд Хуссар Ирыстоны историйы фыццаг æхсæнадæмон турнир тыхон экстримæй "Фыдæлты тых".Мадзал сорганизаци кодтой фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет æмæ Хуссар Ирыстоны пауэрлифтинг æмæ тыхон экстримы федераци.Федерацийы президент Æлборты Леван куыд банысан кодта, афтæмæй турниры сæйраг нысан у спорты пропагандæ.Йæ ныхæстæм гæсгæ, турниры цыппар хуссарирыстойнаг спортсменæй дарддæр хайад райстой Цæгат Ирыстон æмæ Краснодары крайы минæвæрттæ.Турниры фæстиуджытæм гæсгæ, фыццаг бынат бацахста æмæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланæй 70 мин сомы райста ерысты уæлахиздзау Денис Кашпаров, дыккаг бынат æмæ 50 мин сомы райста Къибизты Марат, æртыккаг бынат æмæ 30 мин сомы – Магомед Башир Мержоев.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/06/17/29532952_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_0bfc7eaceef27aa8cdbeb1ab6e736da9.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Хуссар Иры ацыд фыццаг æхсæнадæмон турнир тыхон экстримæй "Фыдæлты тых"
ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы Цхуырбаты Гурамы номыл республикон стадионы ацыд Хуссар Ирыстоны историйы фыццаг æхсæнадæмон турнир тыхон экстримæй "Фыдæлты тых".
Мадзал сорганизаци кодтой фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет æмæ Хуссар Ирыстоны пауэрлифтинг æмæ тыхон экстримы федераци.
Федерацийы президент Æлборты Леван куыд банысан кодта, афтæмæй турниры сæйраг нысан у спорты пропагандæ.
"Ерысты нысан у спорты тыхон хуызты пропагандæ. Тыхон экстрим пайда у куыд кæстæр фæлтæрæн, афтæ хистæр кары адæмæн дæр", - загъта федерацийы президент.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, турниры цыппар хуссарирыстойнаг спортсменæй дарддæр хайад райстой Цæгат Ирыстон æмæ Краснодары крайы минæвæрттæ.
Турниры фæстиуджытæм гæсгæ, фыццаг бынат бацахста æмæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланæй 70 мин сомы райста ерысты уæлахиздзау Денис Кашпаров, дыккаг бынат æмæ 50 мин сомы райста Къибизты Марат, æртыккаг бынат æмæ 30 мин сомы – Магомед Башир Мержоев.