Цхинвалы ацыд рауагъдонты традицион бал

© Sputnik / Аманда ТомаеваВ Цхинвале прошел традиционный выпускной бал
В Цхинвале прошел традиционный выпускной бал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 июн - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы Театралон фӕзуатыл ацыд ахсджиаг цау хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕн – рауагъдонты бал.
Фӕсивӕдӕн раарфӕ кӕнынмӕ ӕрбацыд Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.
"Зӕрдӕбынӕй уын арфӕ кӕнын скъолайы фӕуд ӕмӕ царды ног этап райдайыны фӕдыл. Уӕлдай бузныджы ныхӕстӕ мӕ фӕнды зӕгъын уӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ныййарджытӕн. Уыдон сымах хъомыл ӕмӕ ахуыр кодтой ацы азты дӕргъы", - загъта президент.
Рауагъдонтӕн раарфӕ кодта республикӕйы ахуырад ӕмӕ зонады министр Лолаты Аслан дӕр.
Бӕрӕгбонон концерты ралӕууыдысты зындгонд хуссарирыстойнаг артисттӕ: Бекъойты Вано, Пӕррӕстаты Ариана, Гатыгкоты Нина ӕмӕ Хаситы Солан. Кафӕн номыртӕ бацӕттӕ кодтой паддзахадон ансамбль "Симд" ӕмӕ сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны коллектив.
Бӕрӕгбонон мадзал фӕцис дискотекӕйӕ, цы ран ралӕууыд Дзӕуджыхъӕуӕй ӕрхонгӕ диджей.
Ацы аз скъола каст фесты 563 рауагъдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0