Цхинвалы ацыд SputnikPro-йы мастер-класс

© Sputnik / Михаил АвагимовЦхинвалы ацыд SputnikPro-йы мастер-класс
Цхинвалы ацыд SputnikPro-йы мастер-класс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 июн – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Зындгонд политикон фӕлгӕсӕг Борис Первушин SputnikPro-йы мастер-классы рӕстӕджы радзырдта, куыд хъӕуы ӕрнывыл кӕнын telegram-канал ӕмӕ куыд хъӕуы аразын цымыдисон контент, уыдӕттыл.
"Каналы контенты гъӕд ӕмӕ йӕ размӕ кӕнын сты кӕрӕдзийыл баст. Се ‘хсӕн хъӕуы ссарын баланс. Уӕ ресурстӕ иууылдӕр контенты гъӕд фӕхуыздӕр кӕнынмӕ куы аздахат, уӕд каналы размӕцыд ӕрлӕудзӕн. Уый фӕдыл ахсджиаг у рӕстӕгыл бамбарын, кӕд хъӕуы контенты гъӕдмӕ фылдӕр цӕстдард аздахын, кӕд та каналы размӕцыдӕн", - загъта Первушин.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, telegram-каналы райрӕзты ахсджиаг фадат у аудитори ӕрбаздахын.
SputnikPro -йы лекцимӕ ӕрбацыдысты хуссарирыстойнаг Дзыллон информацион фӕрӕзты ӕмӕ пресс-службӕты кусджытӕ, афтӕ ма ХИПУ-йы студенттӕ.
SputnikPro — уӕрӕсейы хуыздӕр медиаменеджертӕ ӕмӕ сӕйраг специлистты мастер-класстӕ. Ахуырадон проект SputnikPro Хуссар Ирыстоны райдыдта 2018 азы 18 июны.
Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik у дунейы иууыл стырдӕр ДИФ-тӕй сӕ иу. Агентад кусы 32 ӕвзагыл.
© Sputnik / Аслан ТедеевЦхинвалы ацыд SputnikPro-йы мастер-класс
Мастер-класс SputnikPro известного политического обозревателя Бориса Первушина - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.06.2024
Цхинвалы ацыд SputnikPro-йы мастер-класс
Ног хабӕртты лентӕ
0