Цхинвалы сӕвӕрдзысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгтӕн нывонд цырт

© Sputnik / Михаил АвагимовЦхинвалы сӕвӕрдзысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгтӕн нывонд цырт
Цхинвалы сӕвӕрдзысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгтӕн нывонд цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ӕртыццӕджы бабӕрӕг кодта Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон ахуыргӕнӕндоны керамикон ӕрмадзтӕ, цы ран цӕттӕ цӕуы Беслӕны амӕттӕгтӕ цырт.
Цырты автор у Хуссар Ирыстоны Адӕмон нывгӕнӕг Зассеты Сӕрмӕт. Уый радзырдта, цыртыл куыст кӕй цӕуы иу мӕй ӕмӕ ма йыл бахъӕудзысты дыууӕ къуырийы бӕрц.
"Мах цӕттӕ стӕм ӕхсӕв дӕр кусын, цӕмӕй мах 'рдыгӕй фӕстиад ма уа", - загъта Зассеты Сӕрмӕт.
Президент Гаглойты Алан бафиппайдта, цырт хъуамӕ сӕвӕрой Беслӕны трагедийы мысӕн бонтӕм.
"Сентябрьмӕ хъуамӕ бантыса йӕ сӕвӕрын", - загъта президент.
Цырты центры ис нӕлгоймӕг, кӕцы рахӕссы йӕ хъӕбысы чысыл чызджы. Ацы тандем ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕртӕ мӕсыджы фоныл, кӕцытӕй иу йӕ астӕуыл афаст ӕмӕ дзы кӕлы дон. Развӕлгъау бӕрӕг у, цырт кӕй хъавынц сӕвӕрын Уӕрӕсейы рӕстдинон аргъуаны цур Цхинвалы центры.
"Уый ахӕм цырт у, кӕцыйы фӕсфӕд ӕвӕрын махӕн нӕй бар", - загъта культурӕйы министр Зӕгъойты Рада.
Цырты автор у Зассеты Сӕрмӕт, ӕххуыс йын кӕны Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Хуыбиаты Роберт.
Ног хабӕртты лентӕ
0