Цхинвалы зӕронд хид бамбӕрздзысты бынӕттон цъӕхбын фӕныкхуыз диабазӕй

© Sputnik / Михаил Авагимов Зӕронд хид
 Зӕронд хид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июня - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Зӕронд хид сфӕлынддзысты бынӕттон цъӕхбын фӕныкхуыз диабазӕй, кӕцы рацарӕзт дӕр ӕрцӕудзӕн бынӕттон заводы. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта компани "Импульс-А"-йы генералон директор Коцты Эльбрус.
"Зӕронд хид ӕддейӕ сфӕлынддзысты цъӕхбын фӕныкхуыз диабазӕй. Плиткӕ уыдзӕн хырыз дурӕй, бордюр та - лӕгъз", - загъта уый.
Ныридӕгӕн завод, кӕцы кӕндзӕн дуры куыст, цӕттӕ цӕуы скусынмӕ: ӕвӕрд цӕуы ифтонгад, цалцӕг цӕуынц цехтӕ. "Импульс-А" хаццоны райста Цхинвалы "Электровибромашина"-йы агъуысты иу хай ӕмӕ кусы хомӕджы гуырӕнтыл Дзау ӕмӕ Цхинвалы районты.
Заводы фыццаг продукци рацӕудзӕн сентябры.
Ног хабӕртты лентӕ
0