Эксперт саргъ кодта Трамп æмæ Байдены фыццаг дебаттæн

© Sputnik / Юки Ивамура /  Ахизын медиабанкмæ Трамп æмæ Байдены фыццаг дебаттæ
 Трамп æмæ Байдены фыццаг дебаттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июн – Sputnik. Демократтæ ахæм паникæйы ныххаудтой фыццаг дебатты фæстæ, æмæ хъуыды кæнынц Джордж Байдены æндæр кандидатыл баивыныл, загъта Sputnik-æг американист Владимир Можегов.
Джордж Байден æмæ Дональд Трампы фыццаг дебаттæ ацыдысты цыппæрæмы æхсæв.
"Демократтæ сты паникæйы. Байдены командæ æмæ демократты прессæ сты ступоры. Активонæй дзырд цæуы, хъæуы Байдены æндæр кандидатыл баивын æви нæ", - загъта эксперт.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Байден ногæй ницы загъта æмæ æххæст кодта демократты глобалон стратеги, уый та æвзæрын кæны Европæмæ тас дунеон хæсты раз.
Эксперт ма бафтыдта, зæгъгæ, америкæйæгты фылдæр тыхсын кæнынц сæ бæстæйы мидæггагон проблемæтæ: миграцийы кризис, экономикæ, инфляци.
Ног хабӕртты лентӕ
0