Конкурстӕ ӕмӕ бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ: Цхинвалы банысан кодтой Фӕсивӕды бон

© Sputnik / Аманда ТомаеваЦхинвалы банысан кодтой Фӕсивӕды бон
Цхинвалы банысан кодтой Фӕсивӕды бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацыдысты Фӕсивӕды бонӕн нывонд бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ. Программӕ арӕзт уыд дыууӕ хайӕ: хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ фӕсивӕдӕн.
Мадзалы фыццаг хай сывӕллӕттӕ хайад истой алыгъуызон конкурсты. Уӕлахиздзауты схорзӕхджын кодтой майдантӕ ӕмӕ грамотӕтӕй, афтӕ ма сын радтой хъазӕнтӕ ӕмӕ сувениртӕ.
Уый фӕстӕ бӕрӕгбон адарддӕр ис концертӕй, цы ран фӕсивӕд равдыстой сӕ курдиат националон кӕфтытӕй.
Мадзалы организатор уыд республикон политикон парти "Ныхас".
Ног хабӕртты лентӕ
0