Фоторавдыст "Ссӕрибар. Уӕлахизмӕ фӕндаг" байгом Белорусийы

© SputnikФоторавдыст "Ссӕрибар. Уӕлахизмӕ фӕндаг" байгом Белорусийы
Фоторавдыст Ссӕрибар. Уӕлахизмӕ фӕндаг байгом Белорусийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июл – Sputnik. Белорусийы фашистон тыхтӕй ссӕрибар кӕныны 80-ӕм афӕдзы бонӕн нывонд мультимедион проекты дыууӕ фоторавдысты "Ссӕрибар. Уӕлахизмӕ фӕндаг" байгом сты Минск ӕмӕ Борисовы.
"Уӕрӕсе ӕмӕ Белорусийӕн ис иу истори. Куыд 80 азы размӕ, афтӕ абоны бон дӕр тох кӕнӕм нацизмимӕ. Уый фӕдыл Белорусийы ссӕрибары 80-ӕм афӕдзы бон махӕн у ахсджиаг цау, ӕмӕ йын мах снывонд кодтам нӕ раздзог проекты сӕйраг этаптӕй иу "Ссӕрибар. Уӕлахизмӕ фӕндаг". Махӕн нӕ хӕс у хъуыды кӕнын хъайтарты, кӕцытӕ сӕ цӕрдтӕ снывонд кодтой Стыр Уӕлахизы сӕраппонд", - банысан кодта ӕхсӕнадӕмон медиакъорд "Россия сегодня"-йы генералон директор Дмитрий Кисилев.
Уникалон фоторавдысттӕ фенӕн ис Минскы Уӕлахизы парчы сӕйраг аллейы ӕмӕ Борисовы Колодеевы номыл централон библиотекӕйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0