Хуссар Иры контролон-нымайӕн палатӕйы кусджытӕ рацыдысты аттестаци

© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры контролон-нымайӕн палатӕ
Хуссар Иры контролон-нымайӕн палатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры контролон-нымайӕн палатӕйы кусджытӕ рацыдысты нывӕстон аттестаци развӕлгъау контролы ӕмӕ контролон-ревизион фӕткдаруаты.
Уагдоны пресс-службӕйы куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй аттестаци здӕхт уыд кусджыты профессионалон цӕттӕдзинад сбӕлвырд кӕнынмӕ.
"Иумӕйагӕй сисгӕйӕ 26 кусӕджы рацыдысты аттестаци. Уыдон дзуапп дӕттой сӕ профессионалон архайды фӕдыл фарстытыл", - загътой уым.
Уагдоны ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, къамисы хатдзӕгмӕ гӕсгӕ, аттестаци чи цыд, уыдон се 'ппӕт дӕр сӕ куыст зонынц. Уымӕй дарддӕр ма рахастой рекомендацитӕ, цӕмӕй дзы кӕцыдӕртӕ хорзӕхджын ӕрцӕуой паддзахадон хорзӕхтӕй, аннӕтӕ рацӕуой квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны ахуыртӕ, чидӕртӕ та сӕ бынӕттӕй бӕрзонддӕр бынӕттӕм бакӕной.
Ног хабӕртты лентӕ
0