Пухаты Роланд рамбылдта бронзӕйон майдан Европӕйы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

© PhotoУӕгъдибар хъӕбысхӕст
Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 июл – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирыстойнаг уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Пухаты Роланд ссис Европӕйы чемпионаты бронзӕйон призер 17 азы кары спортсменты ӕхсӕн Сербийы.
Пухаты Роланд бацахста ӕртыккаг бынат 92 килограммы категорийы. Бронзӕйон майданыл тохы ирон хъӕбысӕйхӕцӕг рамбылдта украинӕйаг спортсмен Юрий Пигульскийы 11:6 хыгъдӕй.
Уый размӕ 17 азы кары спортсменты ӕхсӕн Европӕйы чемпион ссис Хъесаты Алдат.
Ног хабӕртты лентӕ
0