Цхинвалы цыппар мигранты фӕивар кодтой фӕллойадон законад фехалыны тыххӕй

© Алексей Сухоруков /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы цыппар мигранты фӕивар кодтой фӕллойадон законад фехалыны тыххӕй
Цхинвалы цыппар мигранты фӕивар кодтой фӕллойадон законад фехалыны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) миграцийы фарстыты фӕдыл фӕткдаруаты кусджытӕ сбӕрӕг кодтой миграцион законады цыппар фехӕлды. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
Нысангонд ӕрцыд, фехӕлдтӕ кӕй сбӕрӕг кодтой нывӕстон басгӕрсты рӕстӕджы.
"Фӕткхалджытӕн снысан кодтой административон ивартӕ республикӕйы фӕллойадон законад фехалыны тыххӕй", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, миграцийы фарстыты фæдыл фæткдаруат йæ цæст дары мигрантты уæвынадмæ республикæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0