Цхинвалы цæрæджы цæхæрадоны ссардтой гæны къутæртæ

© Пресс-служба МВД РЮОГæны къутæртæ
Гæны къутæртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны наркотиктæм хъусдарды фæдыл фæткдаруаты кусджытæ ссардтой Цхинвалы 49-аздзыд цæрæджы цæхæрадоны Додоты хъæуы гæны къутæртæ.
"Оперативон-сгарæн мадзæлттæ рæстæджы рабæрæг, фадыджы хицау кæй радта зæхх рæстæгмæ йе ‘мбалæн, уый та дзы фæнд кодта садзын халсартæ. Мидхъуыддæгты министрады ИКЦ иртаст равдыста, æхсæз къутæрæй фондзы кæй уыд наркотикон буарад гæн", - дзырдæуы барадхъахъхъæнæг органы хъусинаджы.
Фæдагуырды фæткдаруат бакодта уголовон хъуыддаг. Зæрдæхсайгæмæ æнхъæлмæ кæсы æртæ азы онг ахæст наркотикон буарадтæ æнæзаконæй зайын кæныны тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0