Ансамбль "Фидӕн" бацахста фыццаг бынат ӕхсӕнадӕмон фестивалы Санкт-Петербурджы

Ансамбль "Фидӕн" бацахста фыццаг бынат ӕхсӕнадӕмон фестивалы Санкт-Петербурджы
Ансамбль Фидӕн бацахста фыццаг бынат ӕхсӕнадӕмон фестивалы Санкт-Петербурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июл – Sputnik, Томайты Аманда. Сывӕллӕтты хореографион ансамбль "Фидӕн" ссис фыццаг къӕпхӕны лауреат ӕхсӕнадӕмон фестиваль-конкурс "Времена года"-йы Санкт-Петербурджы. Коллективы аивадон разамонӕг Хуыгаты Олеся радзырдта Sputnik-ӕн, стыр конкуренцимӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, фӕсивӕд иттӕг хорз кӕй равдыстой сӕхи.
"Нӕ конкурс "Времена года"-йы хайад истой 12 командӕйы. Мах бавдыстам иууыл къаддӕр номыртӕ: ӕрмӕстдӕр ӕртӕ. "Хонгӕ" кафты тыххӕй райстам фыццаг къӕпхӕны диплом, "Чызджыты кафт"-ы тыххӕй та дыккаг къӕпхӕны диплом, афтӕ ма сӕххӕст кодтам "Чепена"-йы кафт", - загъта уый.
Сывӕллӕттӕн стыр тӕлмӕнтӕ сӕвзӕрын кодта горӕт Санкт-Петербург, йӕ фендтаг бынӕттӕ.
Хуыгаты Олеся бафтыдта, зӕгъгӕ, ансамбль "Фидӕн" ахызт суперфиналмӕ, уый та ацӕудзӕн Санкт-Петербурджы ацы аз ноябры.
Ног хабӕртты лентӕ
0