Гаглойты Алан раарфæ кодта Николас Мадуройæн Венесуэлайы хæдбардзинады боны цытæн

© Sputnik / Каролина Кабрал /  Ахизын медиабанкмæВенесуэлайы тырыса
Венесуэлайы тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июл - Sputnik. Венесуэлайы хæдбардзинад расидыны бон у иууыл ахсджиагдæр цау ацы латиноамерикæйаг бæстæйы историйы, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йæ арфæйы телы Венсеэлайы сæргълæууæг Николас Мадуромæ республикæйы хæдбардзинады Боны цытæн.
Гаглойты Алан баныфсæвæрдта, дыууæ бæстæйы æхсæн хæларадон ахастытæ дарддæр кæй фидар æмæ уæрæх кæндзысты дыууæварсон æмгуыстады алы къабазы дæр.
"Ацы нысаниуæгджын бон мæ зæрдæ зæгъы Венесуэлайы æппæт адæмæн фидар æнæниздзинад, сабырдзинад æмæ хæрзæбон", - бахахх кодта Гаглойты Алан.
Венесуэлайы хæдбардзинад расидтысты 1811 азы испайнæгты хицауад раппарыны фæстæ. Уыцы датæйы фæстæ биæ азты дæргъы цыд тох Венесуэлайы хæдбардзинады сæраппонд.
Ног хабӕртты лентӕ
0