Техникон проблемӕтӕ: цӕмӕн нӕй дон Знауыры районы хъӕуты

© bathroomfaucetyxКран
Кран - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 июл – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы хъӕутӕ баззадысты ӕнӕ донӕй, ӕнтӕф боныгъӕд иууыл фылдӕр тыхсын кӕны Терегуаны цӕрджыты. Районы коммуналон службӕты разамонӕг Джиоты Игорь радзырдта Sputnik-ӕн, проблемӕ кӕй ис техникон ифтонггарзимӕ.
"Районы бирӕнымӕц хъӕуты арӕзт ӕрцыд донифтонгад. Ныртӕккӕ арӕзт цӕуы донхӕрӕн ситемӕ Принеуы хъӕуы, цы ран мах фестӕм куыстыты ӕмбис. Нӕ нывӕсты ис рауадзын нуазыны дон дӕр. Аннӕ хъӕутӕ иу сты Знауыры районы зӕронд донхӕрӕн системӕмӕ. Фӕлӕ ныртӕккӕ иууыл фылдӕр тыхсынц Терегуаны хъӕуы цӕрджытӕ, уым бынтондӕр нӕй дон", - загъта Джиоты Игорь.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фарсты сӕйраг проблемӕ у, техникӕ кӕй нӕй кӕнӕ та у зӕронд.
"Махмӕ нӕй хорз кусӕгон техникӕ: цалцӕг фаг кӕны иу къуыримӕ. 2011 азӕй фӕстӕмӕ хӕдтулгӕты техникон уавӕр зынгӕ февзӕрдӕр. Тынг ныл бандӕвта финанскӕнынад кӕй фӕкъаддӕр ис, уый: ацы аз бюджет фӕцъусдӕр 15 милуан сомы бӕрц", - бахахх кодта Джиоты Игорь.
Уый ма бафдыта, зӕгъгӕ, проблемӕтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ Хъорнис ӕмӕ Бехъмары хъӕумӕ ӕрвылкъуыри ластой дон.
Ног хабӕртты лентӕ
0