Ирыстойнаг дзюдоист рамбылдта æвзист майдан Азийы Кубокы æрыгæтты æхсæн

© fotoliaИрыстойнаг дзюдоист рамбылдта æвзист майдан Азийы Кубокы æрыгæтты æхсæн
Ирыстойнаг дзюдоист рамбылдта æвзист майдан Азийы Кубокы æрыгæтты æхсæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 июл – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирыстойнаг спортсмен Кадзаты Арсен рамбылдта æвзист майдан Азийы Кубокы дзюдойæ 21 азы кары æрыгæтты æхсæн Алма-Атайы (Казахстан).
Кадзаты Арсен бацахста дыккаг бынат 100 килограммы уæзы категорийы. Финалон тохы ирон дзюдоист фембæлд уæрæсейаг Денис Батчаевæн.
Ирыстоны æндæр минæвар Азийы Кубокы Зæгъойты Дзерассæйæн нæ бантыст рамбулын турниры майдан, уый фембылд æртыккаг бынатыл тохы 63 килограммы уæзы категорийы.
Ног хабӕртты лентӕ
0