Хуссар Иры президент раарфæ кодта æмбæстæгтæн бинонты Боны цытæн

© freepik / @senivpetroХуссар Иры президент раарфæ кодта æмбæстæгтæн бинонты Боны цытæн
Хуссар Иры президент раарфæ кодта æмбæстæгтæн бинонты Боны цытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 июл - Sputnik. Бинонтæ сты иууыл стырдæр амонд, кæцы адæймаг аразы йæхæдæг, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йæ арфæйы телы бинонтæ, уарзондзинад æмæ иузæрдыгдзинады Боны цытæн.
"Бинонтæ сты нæ царды сæйраг бындур, уыдон сты иууыл æввахсдæр адæм, уый у хæдзар, цы ран мах уарзынц æмæ нæм алыхатт дæр æнхъæлмæ кæсынц. Бинонтæ сты иууыл стырдæр амонд, кæцы адæймаг аразы йæхæдæг", - хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Гаглойты Алан уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта бирæсывæллонджын бинонтæн сæ хæлар зæрдæ æмæ бирæ куысты тыххæй.
Президенты зæрдæ загъта Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн, цæмæй сын бинонты æхсæн уой æрмæстдæр хъарм æмæ æргом ахастытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0