https://sputnik-ossetia.com/20240708/n-khavydtn-davyn-khdtulg-tskhinvaly-tsrg-bambaryn-kodta-militsiyy-kusdzhytn-y-arkhayd-29715616.html
Нæ хъавыдтæн давын хæдтулгæ: Цхинвалы цæрæг бамбарын кодта милицийы кусджытæн йæ архайд
Нæ хъавыдтæн давын хæдтулгæ: Цхинвалы цæрæг бамбарын кодта милицийы кусджытæн йæ архайд
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 июл - Sputnik. Милицийы кусджытæ сгарынц Цхинвалы цæрæджы хæдтулгæйы адавд. Зæрдæхсайгæ радзырдта, кæй нæ хъавыд хæдтулгæ давын – фæхæццæ йæ кодта... 08.07.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-07-08T13:26+0300
2024-07-08T13:26+0300
2024-07-08T13:26+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/878/54/8785462_0:193:3072:1920_1920x0_80_0_0_8f544bdf9a6591cb0147da61af0d2f50.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 июл - Sputnik. Милицийы кусджытæ сгарынц Цхинвалы цæрæджы хæдтулгæйы адавд. Зæрдæхсайгæ радзырдта, кæй нæ хъавыд хæдтулгæ давын – фæхæццæ йæ кодта æндæримæ, хъусын кæны къуырисæры Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.Хæдтулгæйы хицау фехъусын кодта, майрæмбоны æхсæвы кæй баурæдтæ йæ хæдтулгæ ВАЗ-21114 микрорайон "Хурзæрин"-мæ бацæуæны, фæлæ йæ райсом бынаты нал ссардта.Мидхъуыддæгты хайад æмæ уголовон фæдагуырды кусджытæ ссардтой хæдтулгæ Харебаты Исахъы уынгыл, сбæрæг кодтой зæрдæхсайгæйы дæр – Цхинвалы 31-аздзыд цæрæджы.Зæрдæхсайгæйы ауагътой хæдзармæ, горæты мидхъуыддæгты хайад дарддæр уадзы басгæрст цауы фæдыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/878/54/8785462_0:0:2732:2048_1920x0_80_0_0_7233f56e25b8110de61123382cfc85bd.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
Нæ хъавыдтæн давын хæдтулгæ: Цхинвалы цæрæг бамбарын кодта милицийы кусджытæн йæ архайд
ЦХИНВАЛ, 8 июл - Sputnik. Милицийы кусджытæ сгарынц Цхинвалы цæрæджы хæдтулгæйы адавд. Зæрдæхсайгæ радзырдта, кæй нæ хъавыд хæдтулгæ давын – фæхæццæ йæ кодта æндæримæ, хъусын кæны къуырисæры Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Хæдтулгæйы хицау фехъусын кодта, майрæмбоны æхсæвы кæй баурæдтæ йæ хæдтулгæ ВАЗ-21114 микрорайон "Хурзæрин"-мæ бацæуæны, фæлæ йæ райсом бынаты нал ссардта.
Мидхъуыддæгты хайад æмæ уголовон фæдагуырды кусджытæ ссардтой хæдтулгæ Харебаты Исахъы уынгыл, сбæрæг кодтой зæрдæхсайгæйы дæр – Цхинвалы 31-аздзыд цæрæджы.
"Нæлгоймаг радзырдта милицийы кусджытæн, кæй нæ хъавыд давын транспортон фæрæз, уый йæ фæхæццæ кодта хæтулгæимæ, кæцы йæм рæстæгмæ радта йе ‘мбал", - банысан кодтой министрады.
Зæрдæхсайгæйы ауагътой хæдзармæ, горæты мидхъуыддæгты хайад дарддæр уадзы басгæрст цауы фæдыл.