https://sputnik-ossetia.com/20240709/gagloyty-alan-fembld-briks-bstty-khztyty-prizertim-29732488.html
Гаглойты Алан фембæлд БРИКС бæстæты хъæзтыты призертимæ
Гаглойты Алан фембæлд БРИКС бæстæты хъæзтыты призертимæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 9 июл – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембæлд БРИКС бæстæты хъæзтыты призертимæ. Фембæлды ма хайад райстой... 09.07.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-07-09T14:03+0300
2024-07-09T14:03+0300
2024-07-09T15:53+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/07/09/29729551_0:0:1280:720_1920x0_80_0_0_72d0865058c5aa6fa66a32d810c3e071.jpg
ЦХИНВАЛ, 9 июл – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембæлд БРИКС бæстæты хъæзтыты призертимæ. Фембæлды ма хайад райстой фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Гасситы Сослан, уæгъдибар хъæбысхæсты тренер Коцты Тамерлан, афтæ ма Европæйы чемпионаты бронзæйон призер æрыгæтты æхсæн Пухаты Роланд.Гаглойты Алан раарфæ кодта спортсментæн æмæ бахахх кодта, Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг кæй у хайад исын ахæм егъау спортивон мадзæлтты.Фембæлды кæрон Гаглойты Алан радта æхцайы премитæ спортсментæн.Хуссар Ирыстон БРИКС бæстæты хъæзтыты рамбылдта фондз майданы – æртæ уæгъдибар хъæбысхæсты æмæ дыууæ та боксы. Ерысты призертæ ссисты хъæбысæйхæцджытæ Зассеты Азæмæт ("æвзист"), Зассеты Алан æмæ Джиоты Азæмæт (дыууæ дæр "бронзæ"), афтæ ма боксертæ Гæджиты Гурам æмæ Джиоты Арсен (дыууæ дæр "бронзæ").
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/07/09/29729551_161:0:1121:720_1920x0_80_0_0_8c29fbf7b268486056c15bf60b9dd0bb.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан, спорт
Гаглойты Алан фембæлд БРИКС бæстæты хъæзтыты призертимæ
14:03 09.07.2024 (Ранӕуӕггонд: 15:53 09.07.2024) ЦХИНВАЛ, 9 июл – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембæлд БРИКС бæстæты хъæзтыты призертимæ. Фембæлды ма хайад райстой фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Гасситы Сослан, уæгъдибар хъæбысхæсты тренер Коцты Тамерлан, афтæ ма Европæйы чемпионаты бронзæйон призер æрыгæтты æхсæн Пухаты Роланд.
Гаглойты Алан раарфæ кодта спортсментæн æмæ бахахх кодта, Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг кæй у хайад исын ахæм егъау спортивон мадзæлтты.
"Фыццаг хатт ахæм егъау ерысты хайад кæй истат, уымæ æнæкæсгæйæ сымах равдыстат хорз фæстиуджытæ æмæ ныууагътат фæд хуссарирыстойнаг спорты. Стыр бузыг уын уый тыххæй", - загъта президент.
Фембæлды кæрон Гаглойты Алан радта æхцайы премитæ спортсментæн.
Хуссар Ирыстон БРИКС бæстæты хъæзтыты рамбылдта фондз майданы – æртæ уæгъдибар хъæбысхæсты æмæ дыууæ та боксы. Ерысты призертæ ссисты хъæбысæйхæцджытæ Зассеты Азæмæт ("æвзист"), Зассеты Алан æмæ Джиоты Азæмæт (дыууæ дæр "бронзæ"), афтæ ма боксертæ Гæджиты Гурам æмæ Джиоты Арсен (дыууæ дæр "бронзæ").