Хӕдтулгӕ ныххаудта Леуахийы, шофыры бахъуыд госпитализаци

© Photo : стоп-кадр видео МЧС Южной ОсетииХӕдтулгӕ ныххаудта Леуахийы, шофыры бахъуыд госпитализаци
Хӕдтулгӕ ныххаудта Леуахийы, шофыры бахъуыд госпитализаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хеиты хъӕуы районы шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын, уый фӕстиуӕгӕн хӕдтулгӕ ныххауд цӕугӕдоны. Цӕстӕйфенджытӕ ӕмӕ Уӕлӕвӕткон уавӕрты министрады ирвӕзынгӕнджытӕ ӕвӕстиатӕй райстой зианбаййафӕджы донӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы УУМ пресс-службӕ.
Министрады банысан кодтой, шофыры кӕй бакодтой рынчындонмӕ уӕззау цӕфтимӕ.
"Хеиты хъӕуы районы шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын, уый фӕстиуӕгӕн хӕдтулгӕ ныххауд цӕугӕдоны. Хӕдтулгӕйы райдыдта скъӕфын дон, фӕлӕ цӕстӕйфенджытӕ ӕмӕ УУМ ирвӕзынгӕнджытӕ ӕвӕстиатӕй райстой зианбаййафӕджы донӕй. Нӕлгоймаг райста сӕры цӕфтӕ ӕмӕ йӕ бахъуыд госпитализаци", - фехъусын кодтой уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0