ХИПУ-йы студенттӕ хайад исынц "Сӕрдыгон университет"-ы Екатеринбурджы

© Sputnik / Павел ЛисицынХИПУ-йы студенттӕ хайад исынц "Сӕрдыгон университет"-ы Екатеринбурджы
ХИПУ-йы студенттӕ хайад исынц Сӕрдыгон университет-ы Екатеринбурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты аст студенты хайад исынц ӕхсӕнадӕмон ахуырадон ӕмӕ коммуникацион проект "Сӕрдыгон университет"-ы Екатеринбурджы.
Хуссарирыстойнаг хайадисджытӕй иу, Къӕбулты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы проекты нысан у, цӕмӕй фӕсарӕйнаг паддзахӕдты студенттӕ базонгӕ уой Уӕрӕсейы ахуырадон программӕтимӕ.
"Проекты программӕ у тынг хъӕзныг. Уралы федералон университет, цы ран цӕуы мадзал, у нырыккон ахуырадон уагдон, кӕцыйы ис бирӕ нырыккон практикӕтӕ", - загъта Къӕбулты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, проекты хайадисджытӕ ныридӕгӕн байхъуыстой дыууӕ лекцимӕ.
Къӕбулты Алан бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон фыццаг хатт хайад исы ахӕм мадзалы.
Ӕхсӕнадӕмон проект "Сӕрдыгон университет" уагъд цӕуы 2021 азӕй Уӕрӕсейы зонад ӕмӕ уӕлдӕр ахуырады министрады хъӕппӕрисӕй.
© PhotoХИПУ-йы студенттӕ хайад исынц "Сӕрдыгон университет"-ы Екатеринбурджы
Участники Международного образовательного проекта Летний университет-2024 в Екатеринбурге из Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.07.2024
ХИПУ-йы студенттӕ хайад исынц "Сӕрдыгон университет"-ы Екатеринбурджы
Ног хабӕртты лентӕ
0