Хуссарирыстойнаг абитуриенттæ систы уæрæсейаг МХМ-ы уæлдæр ахуыргæнæндæтты курсанттæ

© Sputnik / Антон Белицкий /  Ахизын медиабанкмæ МХМ
 МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ауагътой Мидхъуыддæгты министрады уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуæн фæлварæнтæ. Уыдонмæ гæсгæ æвзæрст æрцыдысты 23 адæймаджы. Æдæппæтæй претенденттæ уыдысты 29. Суинаг курсанттæ радтой нормативтæ физикон цæттæдзинадæй æмæ фæлварæнтæ уырыссаг æвзаг, математикæ, истори æмæ æхсæнадзонынадæй.

"Уæрæсемæ арвитдзыстæм 23 адæймаджы. Уыдон ахуыр кæндзысты Санкт-Петербурджы, Краснодары, Орелы æмæ Ростовы. Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрад нын уæлæмхасæй рахицæн кодта æртæ бынаты Воронежы юридикон институты" – фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады.

Курсанттæ ахуыр кæндзысты фондз азы паддзахады хардзæй. Уый фæстæ, сæ контракттæм гæсгæ, æрыздæхдзысты Хуссар Ирыстонмæ æмæ адарддæр кæндзысты сæ службæ республикæйы мидхъуыддæгты органты.
Ног хабӕртты лентӕ
0