Madre de Dios: дизайнер Бекъойты Хох ӕхсӕнадӕмон конкурсы равдисдзӕн йӕ ног коллекци

© Sputnik / Михаил АвагимовДизайнер Бекъойты Хох
Дизайнер Бекъойты Хох  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 июл – Sputnik, Мохаммад Нина. Хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох хайад райсдзӕн Мӕскуыйы ӕхсӕнадӕмон форумы. Равдыст ацӕудзӕн 21 июлы, "Уӕрӕсе – Латинаг Америкӕ: дизайн иу континентӕй иннӕмӕ", зӕгъгӕ, ахӕм проекты фӕлгӕтты.
Модельер конкурсмӕ цы коллекци срӕвдз кодта, ууыл сӕвӕрдта "Madre de Dios" ("Мады Майрӕм"). Sputnik-ӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй йӕ ацы куыстмӕ сразӕнгард кодта, инкты сыгъзӕрины ӕвӕрӕнтӕ кӕм сты, ахӕм бынат Перуйы.

"Перуйы регионтӕй иу хуыйны Мадре-де-Дьос. Уым, йе `мном цӕугӕдоны был, ссардтой инкты арӕзтӕдтӕн сӕ фылдӕр. Легендӕты куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй инкты сыгъзӕрин ацы ран ӕмбӕхст у. Мадре-де-Дьосы дон, сыгъзӕрин ӕмӕ сыгъд-уырыд зӕхх – terracotta – уыдоны хуызтӕй нывӕзт у мӕ коллекци. Фӕхайджын ӕй кодтон инкты хӕдбындур орнаментӕй, сӕ паддзӕхты дарӕсыл цы нывтӕ уыд, уыдонӕй – иудзырдӕй, ацы знӕмыл ӕмӕ, чи фесӕфт, уыцы сыгъзӕриныл дзурӕг алыхуызонӕй элементтӕй" – радзырдта Бекъойы-фырт

Бекъойты Хох ӕхсӕнадӕмон проекты бацархайдзӕн республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъӕппӕрисӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0