Гаглойты Алан басгӕрста Джиоты Аланы проспекты хӕдзӕртты кӕртыты цалцӕггӕнӕн куыстытӕ

© Sputnik / Аманда ТомаеваГаглойты Алан басгӕрста Джиоты Аланы проспекты хӕдзӕртты кӕртыты цалцӕггӕнӕн куыстытӕ
Гаглойты Алан басгӕрста Джиоты Аланы проспекты хӕдзӕртты кӕртыты цалцӕггӕнӕн куыстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан цыппӕрӕмы басгӕрста Джиоты Аланы проспекты хӕдзӕртты кӕртыты цалцӕггӕнӕн куыстытӕ.
Президентимӕ уыдысты Комавтодоры сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан ӕмӕ Цхинвалы мэр Хуыгаты Ромео.
Гӕбӕраты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ ӕвӕрд цӕуынц фӕндагон бордюртӕ, афтӕ ма электрондыхы уӕлӕмхас цӕджындзтӕ авд бирӕфатерон корпусы кӕртыты.
Гаглойты Алан бахахх кодта, специалисттӕ кӕй бакодтой егъау куыст цыбыр рӕстӕгмӕ.
"Куысты рӕстӕджы фӕзынынц уӕлӕмхас проблемӕтӕ. Ноджы ма иу нюанс – бирӕфатерон хӕдзӕртты цӕрджытимӕ ӕмархайд. Кӕд фыццаг бирӕтӕ уыдысты ивындзинӕдты ныхмӕ, уӕд ныр та иууылдӕр бамбӕрстой, кӕй хъӕуы саразын хорз уавӕртӕ, цӕмӕй сывӕллӕттӕн уа ӕдас бынат хъазынӕн, цӕрджытӕн та хӕрзарӕзт кӕрт. Бирӕты бафӕндыд ӕнӕзаконон агъуыстыты бынаты "ирон къӕбиц" самайын, ӕмӕ сын мах уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕндзыстӕм", - загъта президент.
Гаглойты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Джиоты Аланы проспект ӕмӕ БАМ-ы хӕдзӕртты кӕртыты реконструкци уагъд цӕуы фӕрӕзты руаджы, кӕцытӕ прокуратурӕ райста Зӕронд хиды ӕнӕраст нардуатон организацийӕ.
© Sputnik / Аманда ТомаеваГаглойты Алан басгӕрста Джиоты Аланы проспекты хӕдзӕртты кӕртыты цалцӕггӕнӕн куыстытӕ
Алан Гаглоев проинспектировал ход реконструкции придомовых территорий на проспекте Алана Джиоева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.07.2024
Гаглойты Алан басгӕрста Джиоты Аланы проспекты хӕдзӕртты кӕртыты цалцӕггӕнӕн куыстытӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0