Хуссар Иры хӕрзарӕзт ӕрцыдысты улӕфӕн бынӕттӕ Чъимасдоны

© PhotoУлӕфӕн бынӕттӕ
Улӕфӕн бынӕттӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы администраци хӕрзарӕзт кӕны найӕн бассейнтӕ Чъимасдоны, фехъусын кодта Sputnik-ӕн районы администрацийы пресс-секретарь Бететы Лариса.
Чъимасы цӕугӕдоны ӕрвылаз ӕрӕмбырд вӕййынц бирӕнымӕц улӕфджытӕ куыд районӕй, афтӕ столицӕйӕ дӕр.
"Ивгъуыд аз сарæзтам æрмæстдæр дыууæ бассейны хиды дыууæ фарс дæр. Ацы аз мах рауæрæх кодтам улæфæн зонæ: ныр хиды онг ис æртæ бассейны, дæлдæр та ноджы иу – иууыл егъаудæр. Иууыл чысылдæр бассейн арæзт у сывæллæттæн", - радзырдта Бететы Лариса.
Районы къухдариуæгад сиды улдæфджытæм, цæмæй æххæст кæной æдасдзинады фæтктæ æмæ ма бырон кæной.
Пресс-службæйы бафтыдтой, зæгъгæ, улæфæн зонæ ныридæгæн цæттæ у уазджытæ исынæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0