Хуссар Ирыстонӕн БРИКС-ы хъӕзтыты уыд хорз ӕнтыст – Гасситы Сослан

© Sputnik / Аманда ТомаеваГасситы Сослан
Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 июл – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстон тынг хорз равдыста йӕхи БРИКС-ы хъӕзтыты Казаны. Нӕ спортсменты къухты бафтыд фондз хорзӕхы. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы Фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты сӕрдары хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Гасситы Сослан, Sputnik-ы цы пресс-конференци ацыд, уым.

"100 бӕстӕйы бӕрц кӕм архайдтой, уыцы хъӕзтыты фондз майданы рамбулын тынг хорз фӕстиуӕг у. Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ ацы ахадгӕ ерысты кӕй уыдысты, уый йӕхӕдӕг дӕр стыр ӕнтыст у. Республикӕйы историйы уый никуыма уыди. Нӕ спортсментӕ нӕхи тырысаимӕ кӕй рахызтысты, уыцы факт размӕцыдыл дзурӕг у, бирӕйы аргъ у" - загъта Гасситы Сослан.

Уымӕй дарддӕр, бузныг загъта БРИКС-ы хъӕзтыты организатортӕн, Хуссар Ирыстоны кӕй фӕхуыдтой ӕмӕ, хӕдбар паддзахад кӕй у, уый равдисыны фадат ын кӕй раттой, уый тыххӕй.
Гасситы Сосланимӕ ма пресс-конференцийы хайад райстой ерысты призертӕ Джиоты Азӕмӕт (уӕгъдибар хъӕбысхӕст) ӕмӕ Гӕджиты Гурам (бокс), афтӕ ма Хъӕзтыты архайӕг, Хуссар Ирыстоны Шахмӕтты федерацийы президент Саулохты Георги.
Ног хабӕртты лентӕ
0