https://sputnik-ossetia.com/20240712/tsagat-iry-sbarag-sty-khetagkaty-kostayy-premiyy-nominantta-29778132.html
Цӕгат Иры сбӕрӕг сты Хетӕгкаты Къостайы премийы номинанттӕ
Цӕгат Иры сбӕрӕг сты Хетӕгкаты Къостайы премийы номинанттӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 12 июл – Sputnik. Хӕтӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы фӕдыл къамис конкурсмӕ равзӕрста фараст куысты. Уыдон хауынц "Литературӕ" ӕмӕ "Аивад"... 12.07.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-07-12T11:22+0300
2024-07-12T11:22+0300
2024-07-12T11:39+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
ирон литературæ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/732/54/7325467_0:0:3000:1688_1920x0_80_0_0_f35348ec5abbee85be6b9e4efb5725bf.jpg
ЦХИНВАЛ, 12 июл – Sputnik. Хӕтӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы фӕдыл къамис конкурсмӕ равзӕрста фараст куысты. Уыдон хауынц "Литературӕ" ӕмӕ "Аивад", зӕгъгӕ, ахӕм номинацитӕм – фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы ӕмӕ хицауады пресс-службӕ. Ацы аз преми лӕвӕрд цӕудзӕн 29 хатт.Къамисы уӕнгтӕ ӕркастысты, 2022-2023 азты Цӕгат Ирыстоны аивадон культурӕмӕ ахадгӕ хайбавӕрд чи бахаста ӕмӕ адӕмы зӕрдӕмӕ фӕндаг чи ссардта, уыцы авторты куыстытӕм.Афтӕмӕй, номинаци "Литературӕ"-йы архайынц:Номинаци "Аивад"-ы сты:Ӕдӕппӕтӕй преми райсыны охыл сӕ куыстытӕ балӕвӕрдтой 13 авторы ӕмӕ авторон коллективы.Уӕлахиздзауты нӕмттӕ сбӕрӕг уыдзысты 2024 азы 15 октябры – ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкъаты Къостайы райгуырӕн боны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/732/54/7325467_250:0:2917:2000_1920x0_80_0_0_48102c14c9aee604572e91d93b5a5a20.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, ирон литературæ
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, ирон литературæ
Цӕгат Иры сбӕрӕг сты Хетӕгкаты Къостайы премийы номинанттӕ
11:22 12.07.2024 (Ранӕуӕггонд: 11:39 12.07.2024) ЦХИНВАЛ, 12 июл – Sputnik. Хӕтӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы фӕдыл къамис конкурсмӕ равзӕрста фараст куысты. Уыдон хауынц "Литературӕ" ӕмӕ "Аивад", зӕгъгӕ, ахӕм номинацитӕм – фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы ӕмӕ хицауады пресс-службӕ. Ацы аз преми лӕвӕрд цӕудзӕн 29 хатт.
Къамисы уӕнгтӕ ӕркастысты, 2022-2023 азты Цӕгат Ирыстоны аивадон культурӕмӕ ахадгӕ хайбавӕрд чи бахаста ӕмӕ адӕмы зӕрдӕмӕ фӕндаг чи ссардта, уыцы авторты куыстытӕм.
Афтӕмӕй, номинаци "Литературӕ"-йы архайынц:
Бызыккаты Земфирӕ (ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд "Уалдзӕджы цин" ирон ӕвзагыл)
Дауыраты Дамир (чиныг "Портрет осетина на Луне" уырыссаг ӕвзагыл)
Торчынты Хъазыбег (Мэлс) (ӕмдзӕвгӕйӕ фыст роман "Зейнап" уырыссаг ӕмӕ ирон ӕвзагыл)
Тъехты Валентин (чиныг "Бонтӕ ӕмӕ ӕхсӕвтӕ" ирон ӕвзагыл)
Хетӕгкаты Оксанӕ, Тъехты Тамерлан, Ӕлборты Дианӕ (проект "Литература без границ")
Коцты-Агайты Кларӕ (энциклопеди "Мой Иристон" уырыссаг ӕвзагыл).
Джыккайты Мурӕт (сери "Ирон Нартиадӕ")
Цӕллагаты Виктор (аивадон уацмысты сери этноисторион темӕйыл)
Годжыцаты Изольдӕ ("Нартӕ. Рагон аивады ног дуг", зӕгъгӕ, ахӕм спектакльмӕ хуыд дарӕсы коллекци).
Ӕдӕппӕтӕй преми райсыны охыл сӕ куыстытӕ балӕвӕрдтой 13 авторы ӕмӕ авторон коллективы.
Уӕлахиздзауты нӕмттӕ сбӕрӕг уыдзысты 2024 азы 15 октябры – ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкъаты Къостайы райгуырӕн боны.