Цӕгат Иры туризм ӕмӕ лӕггӕдты къабазӕн рахицӕн кӕндзысты 70 млн сомӕй фылдӕр

© Photo : Telegram / Сергей МеняйлоАхуырадон проект "Профессионалитет"
Ахуырадон проект Профессионалитет
 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 июл - Sputnik. Цӕгат Ирыстон райсдзӕн 70 милуан сомӕй фылдӕр "Туризм ӕмӕ лӕггӕдты къабаз", зӕгъгӕ, ахӕм ахуырадон кластер саразынӕн. Студенттӕ сӕ ахуырмӕ ӕрӕвналдзысты фидӕн аз – фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
"Ам ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, балцыты цӕуын ӕмӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын чи уарзы, ацы къабазы сервис фӕхуыздӕр кӕнынмӕ чи тырны, ахӕм фӕсивӕдмӕ", – фӕбӕлвырддӕр кодта Меняйло.
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, республикӕйы туризм ӕмӕ уазӕгдӕтты бизнесы тынг кӕй хъӕуынц профессионалон кадртӕ: азӕй-азмӕ туристты нымӕц кӕны фылдӕр, фӕзындысты ног улӕфӕн бынӕттӕ, арӕзтцӕуӕг курорт "Мамысон" ӕмӕ ирхӕфсӕн парк "Алани парк"-ы дӕр хъӕудзысты кусджытӕ.
"Профессионалитет", зӕгъгӕ, ахӕм проектмӕ хауӕг ахуырадон кластертӕй "Туризм ӕмӕ лӕггӕдты къабаз" у ӕртыккаг. Сентябры цӕттӕ кӕнын райдзайдзысты педагогикӕйы специалистты, 2023 азы та сӕ ахуырмӕ ӕрӕвнӕлдтой суинаг барадхъахъхъӕнджытӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0