Хуссар Ир хайад исы Кавказы инвестицион форумы

© Sputnik / Кирилл Зыков /  Ахизын медиабанкмæГрозный
Грозный - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 июл – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан хайад исы Кавказы инвестицион форумы. Мадзал цӕуы Грозныйы 15-17 июлы.
Делегацийы сконды сты – премьер Джуссойты Константин, экономикон райрӕзты министр Хъотайты Сӕрмӕт, РХИ базарадон минӕвар Уӕрӕсейы, Таймураз Гогинов, Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс – Хуссар Ирыстон"-ы сӕргълӕууӕг Къӕбысты Ацӕмӕз.
Форумы равдыстон экспозицийы фӕлгӕтты инвестицион проекттӕ бавдисдзысты Цӕцӕн, Дагестан, Ингушети, Цӕгат Ирыстон-Алани, Кӕсӕг-Балхъар, Хъӕрӕсе-Черкеси, Ставрополы край ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Форумы фыццаг бон Хуссар Ирыстоны делегаци фембӕлд Уӕрӕсейы хицауады хӕдивӕг Александр Новакимӕ.
Александр Новакӕн бавдыстой Хуссар Ирыстоны стенд, цы ран уыдис дурсӕттӕн куыстуаты продукци. Форумы куысты хайад исынц цыппар мин адӕймагӕй фылдӕр 50 бӕстӕ ӕмӕ территорийӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0