Хуссарирыстойнаг спортсмен бацахста фыццаг бынат рог атлетикӕйӕ турниры Краснодары

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæ Рог атлетикӕ
 Рог атлетикӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 июл - Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсмен Джиоты Марат бацахста фыццаг бынат 300 метрмӕ згъорды ӕппӕтуӕрӕсейаг турниры рог атлетикӕйӕ Краснодары, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.
"Джиоты Марат рамбылдта 300 метрмӕ гӕрӕнтимӕ згъорды ӕрыгӕтты ӕхсӕн", - банысан кодтой комитеты.
Ерыстӕ ацыдысты Краснодары 12-14 июлы.
Спортсмены ерыстӕм цӕттӕ кӕнынц тренертӕ Гӕззаты Аслан, Дыгъуызты Алан ӕмӕ Санахъоты Мӕдинӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0