https://sputnik-ossetia.com/20240716/khussar-iry-raydydta-mikrorayon-khurzarin-ma-khidy-tsaltsag-29825204.html
Хуссар Иры райдыдта микрорайон "Хурзӕрин"-мӕ хиды цалцӕг
Хуссар Иры райдыдта микрорайон "Хурзӕрин"-мӕ хиды цалцӕг
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 июл – Sputnik, Козаты Диана. Аразджытӕ бавнӕлдтой микрорайон "Хурзӕрин"-мӕ хиды цалцӕгмӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Хуссар Ирыстоны арӕзтады... 16.07.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-07-16T14:48+0300
2024-07-16T14:48+0300
2024-07-16T14:48+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
арӕзтад
хуссар иры хицауад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/17/29160593_0:78:1500:922_1920x0_80_0_0_6a48b9da882383cc2d6a5e2ba112302b.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 июл – Sputnik, Козаты Диана. Аразджытӕ бавнӕлдтой микрорайон "Хурзӕрин"-мӕ хиды цалцӕгмӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Хуссар Ирыстоны арӕзтады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Цоциты Зауыр.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕзтадон куыстытӕ уагъд цӕудзысты ӕртӕ этапы. Фыццаджы хӕс – акӕнын донвӕд хӕлд фадыгӕй. Дыккаг этапыл аразджытӕ фӕтыхджындӕр кӕндзысты фундамент ӕмӕ цӕджындзтӕ бетонон агъудтӕй, ӕртыккагыл – фӕтыхджындӕр кӕндзысты аннӕ фундаменттӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/05/17/29160593_84:0:1417:1000_1920x0_80_0_0_30fa2c619ffa0f2d38d557b7992e8518.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, арӕзтад, хуссар иры хицауад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, арӕзтад, хуссар иры хицауад
Хуссар Иры райдыдта микрорайон "Хурзӕрин"-мӕ хиды цалцӕг
ЦХИНВАЛ, 16 июл – Sputnik, Козаты Диана. Аразджытӕ бавнӕлдтой микрорайон "Хурзӕрин"-мӕ хиды цалцӕгмӕ, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Хуссар Ирыстоны арӕзтады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Цоциты Зауыр.
"Сабаты хицауады сӕрдар Джуссойты Константин ӕмӕ парламенты спикер Мӕргъиты Алан фембӕлдысты микрорайоны цӕрджытимӕ ӕмӕ сын дзырд радтой, хид кӕй сцалцӕг кӕндзысты нӕ фӕндагон службӕты тыхтӕй. Уый фӕстӕ райстӕуыд ӕмбӕлон барлӕвӕрдтӕ ӕмӕ абон аразджытӕ бавнӕлдтой цалцӕггӕнӕн куыстытӕм", - радзырдта Цоциты Зауыр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕзтадон куыстытӕ уагъд цӕудзысты ӕртӕ этапы. Фыццаджы хӕс – акӕнын донвӕд хӕлд фадыгӕй. Дыккаг этапыл аразджытӕ фӕтыхджындӕр кӕндзысты фундамент ӕмӕ цӕджындзтӕ бетонон агъудтӕй, ӕртыккагыл – фӕтыхджындӕр кӕндзысты аннӕ фундаменттӕ.