Тагъд ӕххуысы сӕйраг дохтыр ӕнтӕф боныгъӕды фӕдыл фӕсидтты тыххӕй

© AFP 2022 / PHILIPPE HUGUENТермометр
Термометр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 июл – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы тагъд ӕххуысмӕ боны дӕргъы ӕрбацӕуы цалдӕр фӕсидтты ӕнтӕф боныгъӕды тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Тагъд ӕххуысы станцы сӕйраг дохтыр Хъуылымбегты Емзар.
Эксперттӕ уалдзӕджы дӕр дзырдтой, ацы сӕрд кӕй уыдзӕн иууыл ӕнтӕфдӕр Уӕрӕсейы метеоцӕстдарды историйы.
"Нӕ зӕгъдзынӕн, ӕмӕ нӕм ис ажиотаж. Боны дӕргъы нӕм ӕрбадзурынц дыууӕ-ӕртӕ хатты. Дохтыртӕм фӕдзурынц куыд хӕдзӕрттӕм, афтӕ уынджы кӕй ӕнӕнинздзинад фӕцудыдта, уыцы ӕмбӕстӕгтӕм ӕххуысмӕ.
Хъуылымбегты Емзары ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнтӕф боныгъӕд иууыл тынгдӕр хъыгдары гипертоникты, уыдонӕй бирӕтӕ нӕ ӕххӕст кӕнынц режим.
Тагъд ӕххуысы сӕйраг дохтыр рекомендаци кӕны ӕппӕт ӕмбӕстӕгтӕн филдӕр дон нуазын.
Ног хабӕртты лентӕ
0