"Уацамонгӕ" – ӕхсӕнадӕмон фестивалы уӕлахиздзау

© Instagram/ watsamongaАнсамбль "Уацамонгӕ"
Ансамбль Уацамонгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 июл - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы ансамбль "Уацамонгӕ" ссис Этникон музыкӕ ӕмӕ ӕрмгуысты ӕхсӕнадӕмон фестивалы лауреат "Вокалон-инструменталон ансамбль", зӕгъгӕ, ахӕм категорийы. Уый тыххӕй фехъусын кодта Цӕгат Ирыстоны культурӕйы министрады пресс-службӕ.
Егъау фестиваль "Мир Сибири" цыдис цыппар боны дӕргъы Тыва ӕмӕ Хакасийы ӕгӕрон быдырты `хсӕн. Уӕлахиздзауты схорзӕхджын кодтой дипломтӕй ӕмӕ ӕхцайы премитӕй.
"Уацамонгӕ"-йы артисттӕ сӕххӕст кодтой ирон адӕмон мелодитӕй конд попурри. Уымӕй дарддӕр, чи бацымыдис, уыдоны бӕстондӕр базонгӕ кодтой ирон адӕмон инструменттимӕ, хӕдбындур культурӕимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0