ФÆС нæ бауагъта украинæйаг националистты сæххæст кæнын теракт

© ЦОС ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæФÆС
ФÆС - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik. Донецкы аиуварс кодтой теракт, кæцы цæттæ кодтой украинæйаг нционалисттæ, фехъусын кодта РИА Новости Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйыл (ФÆС) æнцойгæнгæйæ.
"Барадхъахъхъæнджытæ æрцахстой Уæрæсейы æмбæстаг сылгоймаджы, кæцыйы цæттæ кодтой украинæйаг националисттæ. Уыдоны фæдзæхстмæ гæсгæ сылгоймаг фæнд кодта ссудзын Петровскийы районон тæрхондоны бæстыхай Донецкы", - загътой уагдоны.
ФÆС сбæрæг кодта, теракты фæстæ сылгоймаг кæй хъуамæ ацыдаид Украинæйы территоримæ, цæмæй бахиза террористон организацийы скондмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0