Абонементтӕ спортзал ӕмӕ бассейнмӕ: Хуссар Иры райдыдта конкурс "Спортивон Цхинвал"

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæБаскетбол
Баскетбол - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июл – Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитет расидт онлайн-конкурс "Спортивон Цхинвал". Призтыл тох кӕнын фадат ис республикӕйы ӕппӕт цӕрджытӕн, радзырдта Sputnik-ӕн комитеты минӕвар Джуссойты Диана.
"Комитеты информацион хайад аскъуыддзаг кодта саразын чысыл конкурс спорты популяризацийы нысанӕн. Хайад райсыны фадат дзы ис алкӕмӕндӕр 18 июлӕй 20 августмӕ", - загъта комитеты минӕвар.
Джуссойты Диана бахахх кодта, зӕгъгӕ, конкурсы хайад райсынӕн хъӕуы ныффысын видео, цы ран хайадисӕг архайы спорты цыфӕнды хуызӕй, уый фӕстӕ видео хъӕуы баппарын социалон хызӕг Instagram*-мӕ хэштег "Спортивон Цхинвал"-имӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фӕстӕ хайадисджытӕ райсдзысты сӕхи сӕрмагонд номыртӕ, конкурсы кӕрон ӕрхаугӕ нымӕцонты генераторы руаджы сбӕрӕг кӕндзысты дыууӕ уӕлахиздзауы.
Призтӕ уыдзысты дыууӕ абонементы: спортивон залмӕ ӕмӕ спорты Галуан "Олимп"-ы бассейнмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0